Бæрæгбоны мадзæлттыл хицауады сæрдар Дзанайты Барис дзырдта дзуапдæттæг кусджытимæ
Аланийы аргъуыды 1 100 бæрæгбоны сæйраг мадзæлттæ сты 25. Æххæст сæ кæнынц 2020 азæй. Уый тыххæй рахай кодтой 200 милуан сомæй фылдæр. Уырдæм хауынц культурон нысаниуæг цы объекттæн ис уыдоны рацарæзт. Организацион комитеты къорды æмбырды ма ныхас кодтой куыстыты хæрзхъæддзинадыл. ДЗанайты Барис куыд зæгъы афтæмæй августмæ се ппæт объекттæ дæр хъуамæ цалцæггонд æрцæуой, бæрæгбоны мадзæлттæ та ацæуой æмблгæ æмвæзадыл. Уыцы хæслæвæрд премьер бабар кодта Цæгат Ирыстоны культурон объектты хъахъхъæнынады комитетæн. Дзыллон информацион фæрæзты дæр хъæуы арæхдæр дзурын объектты ахадындзинады тыххæй. Республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министрадæн культурæйы министрадимæ æмгуыст кæнгæйæ хицауады сæрдар бахæс кодта ирон литературæйы мзейы уавæрмæ æргом аздахын. Хъæуы йæ цалцæг кæнын. Аланийы аргъуыды 1100 азимæ баст мадзæлтты хъуамæ архайой ирон диаспорæтæ æмæ æхсæнадтæ алы регионтæй. Ахуырады министрады кусджытæ скъоладзаутæн сараздзысты тематикон экскурситæ æмæ уроктæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv