Цæгат Кавказы Федералон зылды фæндæгтæн сæ 80 % нормативон домæнтæн æмбæлгæ дзуапп дæттынц
Цæгат Кавказы Федералон зылды фæндæгтæн сæ 80 % нормативон домæнтæн æмбæлгæ дзуапп дæттынц. Федералон фæндæгты разамынды ныхæстæм гæсгæ, цæмæй фæндæгты уæлцъар сног кæной, кæнæ сæ хуыз фехæлынæй бахъахъхъæной, уый тыххæй аразынц сæрмагонд мадзæлттæ. Сæ фæрцы хæдтулгæтæ дзы фылдæр рæстæг бæздзысты цæуынæн. Ома, фæндагыл кæд гыццыл скъуыддзаг фæзына, уæд ыл уайтагъд бакусдзысты. Сæрмагонд разамынды уæнгтæ ма куыд фæнысан кодтой, афтæмæй, цалцæггæнæн куыстыты фæстæ 5 азмæ исты хъæндзинæдтæ куы рабæрæг уа, уæд сыл хъуамæ бакуса подрядон организаци. Фæндæгты разамынд «Кавказ»-ы бæрны ис 2 мин 832 федералон фæндæгты километры. Цæуынц Стъараполы крайы, Дагестан, Кæсæг-Балхъар, Цæцæны Республикæ, Хъæрæсе-Черкесы, Цæгат Ирыстон æмæ Мæхъæлы уылты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Кавказы Федералон зылды фæндæгтæн сæ 80 % нормативон домæнтæн æмбæлгæ дзуапп дæттынц
Категория:
Новости и СМИ