Беслæны хойрæгты комбинат уадзы «цывзыдзæхдон»
Цæхджын джитритæ, пъæмидортæ, цывзы æмæ афтæ дарддæр. Беслæны хойрæгты комбинаты кондады - дыргътæ æмæ халсарты 30 хуызы консервацийы. Цæгат Ирыстоны продукци зонынц канд нæ республикæйы нæ, фæлæ ма æндæр регионты дæр. Тагъд рæстæджы дуканиты тæрхæджытыл æмæ базарты фæзындзæн ирон традицион хæринаг «Цывзыдзæхдон». Хæринæгты ад æмæ хæрзхъæддзинад федта нæ уацхæссæг. Уымæн ныхасы бар. Ирон уарзондæр хæринаг «Цывзыдзæхтон» цæттæ кæнынц ацы цехы, Беслæны. Æлхæнæджы фынгмӕ бахауыны размæ, цывзытӕ сцӕттӕ кӕныныл технологон ӕгъдауӕй тынг бацархайынц. Фыццаджыдæр, кусджытæ халсар бæстон равзарынц æмæ ныссыгъдæг кæнынц. Æрвылбон фондз тоннæйыл бакусынц. Уый фæстæ сæ боцкъаты нывæрынц. Фæстæдӕр цывзытӕ сфыцынц цуайнæгты. Алы кæхцы дæр цæуы дыууæсæдæ килограммæй æхсæзсæдæ килограммы онг. Фыцгæ-фыцын сæйрагдæр у хъæугæ температурæ дарын. Уый тыххæй дзы æвæрд æрцыд сæрмагонд монометртæ. Халсар хъæуы раст æруазал кæнын, цæмæй хæрзад рауайа. Цывзыты дыууæ æртæ къуырийы дарынц боцъкаты, сæ сæрыл сын стыр уæз æрæвæргæйæ. Æрмæст уый фæстæ сæ нывæрынц банкæты. Дæнцæгæн, мæнæ ацы парти цæхджын кæны дыууæ къуырийæ фылдæр. Куыстуат уадзы æртын хуызы консервтæ. Бакусынц дыргътыл дӕр, халсартыл дæр. Цæгатирыстойнаг продукци канд республикæйы нæ зонынц, фæлæ ма зынгонд у Мæскуы, Петербург, Оренбургы облæст æмæ Екатеринбургы. Продукцийæн ис йæхи этикеткæ, йӕ хуызыл ма бакуыстой ногӕй. Этикеткæ фæивын зын нæу. Зын у ирон хæринаджы ад бавзарын. Цехы разамонæг Лекъты Руслан куыд зæгъы, афтæмæй «Цывзыдзæхтон»-ы консервты технологон сусæгдзинæдтæ нывыл кæнынц æвдайæм æзтæй фæстæмæ. Цехы бæстонæй кæсынц, хæринаг раст куыд цæттæ кæнын хъæуы, уымæ. Разамонæджы ныфс ис, æлхæнӕг продукт раиртасыны хъом кæй суыдзӕн, уымӕй. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ куыстуаты продукци сси конкурс «Агростартап»-ы уæлахиздзау. Куыстуаты руаджы Рахизфарсы районы фæзынд куысты бынæттæ. Ныртæккæ ам фыдæбон кæнынц фæндзай адæймаджы. Мызд дæр рæстæмбис бæрæггæнæнты бӕрц исынц. Куыстуат куыд парахат кæна, афтæ дзы фæзындзæн уæлæмхасæн куысты бынæттæ æмæ фылдӕр мызд. Уазиты Зæлинæ, Хъараты Маринæ, Ирыстоны хабæрттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Беслæны хойрæгты комбинат уадзы «цывзыдзæхдон»
Категория:
Новости и СМИ