Тибы бæрæг кæнынц Таранджелосы бæрæгбон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

15 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

15 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

15 просмотров

6 лет назад

Хистæртæ кувынц, цæмæй сын Хуыцау хорз тыллæг радта. Таранджелос у ирон адæмы æппæты кадджындæр бæрæгбæттæй иу. Таурæгъмæ гæсгæ бæрæгбон фæзынд, Батрадзы мардыл Хуыцау йе ’ртæ цæссыджы куы æрæппæрста, уæд. Кæм æрхаудысты, уыцы рæтты фæзындысты æртæ дзуары: Мыкалгабыртæ, Реком æмæ Таранджелос. Таранджелос бæрæг кæнынц Тибы. Ссæуынц æм Тибæй рацæуæг адæм. Уыдонæй сæ иу у Кучиты мыггаг. Цымыдисаг у, ацы бæрæгбон куыд бæрæг кæнынц, уый дæр. Фарон рад æрхауд Кучиты мыггагмæ. Ацы аз та йæ бæрæгбоны фысымтæ уыдысты Къадзтæ. Таранджелосы бæрæгбонæй уæлдай ма абон куывтой Мыкалгабыртæ æмæ Рекоммæ дæр. Æртæ дзуарæй дæр адæм куырдтой хорз тыллæг, бæркад æмæ бинонты фарн. Æртæ табуйаг дзуармæ: Таранджелос, Мыкалгабыртæ æмæ Рекоммæ, алы аз дæр бакувынц сентябры æртыккаг цыппæрæмы. Æмæ алы хатт адæм æрæмбырд вæййынц, цæмæй Хуыцаумæ æртыгай чъиритæ æмæ кусæрттагæй бакувой. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Тибы бæрæг кæнынц Таранджелосы бæрæгбон

Категория:

Новости и СМИ