4 февралы 2020 азы Цæгат Ирыстоны кусын райдыдта Зæрæмæджы гидроэлектростанцæ
Афæдзы размæ скуыста Зæрæмæджы Гидроэлектростанцæ. Йæ руаджы республикæ йæхи электрон тыхæй æфсады 70% онг. Раздæр та Цæгат Ирыстонмæ электрон тых хæццæ кодта æндæр регионтæй. Егъау энергетикон механизм куыд кусы, уый тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн нæ уацхæссæг. Разамынды сæйраг пункт гидроэлектростанцæйы цæстытæ сты. Диссаг куыд нæу, фæлæ ацы егъау æмæ ахсджиаг объектмæ сæ хъус дарынц æрмæст дыууæ адæймаджы. Мурасты Константин у кусæг фæлтæры хицау. 12 сахаты уый йæ цæст нæ сисы компьютеры мониторæй. Хуымæтæг адæймагæн æрмæст нымæцтæ сты, фæлæ Константин ацы хатдзæгтæм гæсгæ йæ хъус дары станцæйы куыст æмæ æдасдзинадмæ. Электрон тых æвзæрын кæнынц ацы гидроагрегаттæ. Дыууæйæн сæ иумæйаг тых у 346 мегаватты. Уæлæмæ æрмæст сæ цъуппытæ зынынц. Афтæмæй та сæ бæрзæнд цалдæр уæладзыджы бæрц у. Алы ран дæр дзы – бæрæг агрегаттæ. Сæ куыстмæ сын йæ хъус дары æхсæзæм къæпхæны машинист Джыгкайты Марат. Абон энергетиктæ сбæрæг кодтой сæ фыццаг юбилей. Афæдзы размæ доны фыццаг цыхцырджытæ аныдзæвыдысты электростанцæйы зилгæ цæлхытыл. Æрвылбон дæр йæ кусджытæ сæ цæст дардтой техникæйы уавæрмæ. Ницы аипп æм æрхастой. Афæдзмæ станцæ йæ телтыл фæлхасгæнджытæм афæндараст кодта электрон тыхы 500 милуан киловатт-сахаты. Республикæйы бюджет та хъалонты хуызы фæхъæздыгдæр 900 милуан сомæй. Зæрæмæджы гидроэлектростанцæ йæ тыхмæ гæсгæ Цæгат Кавказы у æртыккаг. Йæ разамынды хъуыдымæ гæсгæ, афæдзæй-афæдзмæ йæ авналæнтæ уыдзысты ноджы уæрæхдæр. Фæлæ суанг ныридæгæн дæр станцæйæн йæ бон у æнæхъæн Цæгат Кавказы фæлхасгæнджыты электрон тыхæй æххæстæй ифтонг кæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
4 февралы 2020 азы Цæгат Ирыстоны кусын райдыдта Зæрæмæджы гидроэлектростанцæ
Категория:
Новости и СМИ