Мит æмæ зымæгон хиирхæфсæнты бон бæрæг кæнынц абон æппæт Уæрæсейы
Мит æмæ зымæгон хиирхæфсæнты бон бæрæг кæнынц абон æппæт Уæрæсейы. Ацы `мгъуыдмæ цыма боныхъæд дæр йæхи цæттæ кодта, афтæ рауад. Кæдæй-уæдæй æруарыд мит. Куыд сæ бон у, афтæ стырæй-чысылæй адæм сæхи ирхæфсынц. Æнæ спортæй бирæтæн сæ цард ад нæ кæны. Ахæм хъуыдыйыл хæст сты нæ республикæйы цæрджытæ. Цæмæн? Ихмæ рахизгæйæ сæйрагдæр у къахдзоныгътыл æдасæй слæууын æмæ ма тæрсын. Горæты цæрджытæ сæ рæстæг æрвитынц хъæлдзæгæй уыимæ ма пайдаимæ. Спортмæ райрæзтмæ йе ргом здахы республикæйы разамынд. Дзæуджыхъæуы сæйраг парчы цы ихын фæз байгом, уый ныридæгæн ссис цӕрджыты уарзондӕр хиирхӕфсӕн бынат. Адæм фылдæр сæмбырд вæййынц изæрырдæм. Ацы бонты ма сæ боныхъæд кæй рæвдауы æмæ æцæг зымæгон кæй у, ууыл та уæлдай цин кæнынц. Иуæй-иу хатт къахдзоныгътæм фæхъæуы рады лæууын. Уыцы-иу рæстæг ихмæ рахизыны фадат ис 30 адæймагæн. Сæ уæгъд рæстæг арвитынмæ æрбацæуынц суанг сыхаг хъæуты цæрджытæ дæр, канд Дзæуджыхъæуæй нæ, фæлæ. Мит æмæ зымæгон хиирхæфсæнты бон уæлдай зæрдæрайгæдæрæй рацыдысты ихмæ. Спортмæ æмхиц уæвын кæй хъæуы, уый алчидæр зоны. Ахæм хъуыдыйыл хæст сты нæ республикæйы разамынд дæр. Ахæм фæз Дзæуджыхъæуы бæстастæу кæй фæзынд, уымæй ма адæмы зæрдæтæ иу хатт балхæдтой. Бæрæг у, цæрджытæ ацы бынат тынг кæй бауарзтой. Къахдзоныгътыл бырæн фæз кусдзæн зымæджы кæронмæ. Куы фæхъарм уа, уæд уал æй рæстæгмæ бауромдзысты. Иннæ азмæ. Фæлæ уæд адæмы къухы уыдзысты æндæр спортивон фæзтæ дæр. Йæхи дзы чи ирхæфса, йе `нæниздзинад чи фидар кæна, уыдон бирæ сты. Æмæ та уæдмæ ихын фæз дæр байгом уыдзæн. Пелиты Сабинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мит æмæ зымæгон хиирхæфсæнты бон бæрæг кæнынц абон æппæт Уæрæсейы
Категория:
Новости и СМИ