9-æм февралы æппæт дунейы бæрæг кæнынц стоматологы бон
Абон, 9-æм февралы, æппæт дунейы бæрæг кæнынц стоматологы бон. Арфæ кæнынц дæндæгты дохтыртæн, дзурынц сын бузныг. Цæгат Ирыстоны дæр ацы дæсныйады кусджыты `хсæн дæр бирæ адæм и, арфæйы аккаг чи у, ахæмтæ. Сæ иумæ уазæгуаты араст и не сфæлдыстадон къорд. Дæсны дохтыр, æрыгон ахуыргонд, æмæ зæрдæхæлар адæймаг – Руслан Якубовы тыххæй нæ дарддæры æрмæг. Рынчыны зæрдæмæ фæндаг куы ссарай, уæд тагъддæр сдзæбæх уыдзæн. Уыцы хъуыдыимæ кæддæриддæр йæ куысты архайы дæндæгты дохтыр Руслан Якубов. Руслан æй йæ сабибонтæй фæстæмæ фидарæй зыдта, дæндæгты дохтыр кæй суыдзæн, уый. Æмæ скъола каст куы фæци, уæд бацыди ахуыр кæнынмæ Цæгат Ирыстоны медицинон колледжмæ. Уый фæстæ райста уæлдæр ахуырад Воронежы Николай Бурденкойы номыл паддзахадон медицинон университеты. Йæ фæдыл аспирантурæ. Кусы Цæгат Ирыстоны медицинон академийы, уымæй уæлдай ма 10 азæй фылдæр та дохтырæй. Руслан йæ пациенттæм æдзух тагъд кæны. Æппынкъаддæр бонмæ æркæсы 30 адæймагмæ. Вæййы ахæм бонтæ, æмæ 70-мæ дæр схизынц. Иу хатт чи бахауы ацы дохтыры къухтæм, уый æндæр дохтырмæ нал фæфæнды. Æмæ цалынмæ йе `ххуыс фæхъæуы адæмы, уæдмæ сæ æвæллайгæйæ фæдзæбæх кæны. Суанг изæрдалынгтæм дæр ныффæстиат вæййы. Уæдæ фæлтæрдджын дохтырмæ адæм æрбакæнынц сæ сывæллæтты дæр. Джабиты Денис куыд радзырдта, афтæмæй дохтырмæ цæугæйæ тарсти. Фæлæ хæрз дзæгъæлы. Уæвгæ, Руслан кæстæр фæлтæримæ дæр хорз фидауы. Уый бæрæг у йæ куыст Медицинон академийы бирæ кæй уарзы, ууыл дæр. Куыд загъта, афтæмæй йын студенттимæ кусын дæр æнцон у. Русланы йæхæдæг дæр стыр бузныг у йæ ахуыргæнджытæй æмæ йæ хистæр æмкусджытæй. Уыдоны кæддæриддæр уырныдта, йæ дæсныйады тæккæ бæрзонддæр къæпхæнмæ кæй схиздзæн, уый. Руслан у цардбæллон, æууæнкджын адæймаг. Йæ царды цы фæндаг равзæрста, ууыл цæуы æнувыдæй. Æмæ нæ уырны, йæ ном ын ног æмæ ног хуыздæрты `хсæн кæй хъусдзыстæм, уый. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
9-æм февралы æппæт дунейы бæрæг кæнынц стоматологы бон
Категория:
Новости и СМИ