Цæгат Ирыстоны спортсментæ ивазæнты спорты хуызы ерыстæй сыздæхтысты 9 майданимæ
Къухтæ - хъæддых, къæхтæ - быцæу. Ацы спорты хуызы змæлынц æппæт нуæрттæ дæр. Спортсментæн хи лæмæгъ кæнæн нæй. Иу нуар фезмæлдзæн æмæ лæдзæг ныхмæлæууæджы къухы аззайдзæн. Карсанаты Иналбег масреслингы хи фæлвары мæйы бæрц. Спорты архайынвæнд нæ кодта. Фæлæ фæсивæды тренеровкæ кæнгæ куы федта залы, уæд сцыбæл ис. Ерысты фыццаг хатт архайдта æмæ сыгъзæрин майдан рамбылдта. Йæхи рекорд сног кодта - 5 секундмæ ныхмæлæууæджы лæдзæг байста. Хамыхъоты Æхсар фыццаг хи фæлвæрдта тайаг боксы. Уый фæстæ йе ’ргом аздæхта ивазæнтæм. Цыбыр рæстæг архайы ацы спорты. Ерысты ма йæ хæрз гыццыл хъуыд рамбулынмæ. Алы тохы дæр йæхи тынг хорз равдыста, фæлæ финалы йæ ныхмæлæууæг тыхджындæр разынд. Ивазæнты спорты сæйрагдæр у тыхджын, сæрæн æмæ цыргъзонд уæвын. Тох уайтагъд фæвæййы. Фылдæр хатт ахæссы цалдæр секунды. Масреслинг Цæгат Ирыстоны фæзынд цыппар азы размæ. Федерацийы уæнг Цгъойты Тамерлан куыд бафиппайдта, афтæмæй ныридæгæн ацы спорты хуызы райрæзтæн республикæйы æппæт уавæртæ дæр арæзт цæуынц. Ныртæккæ спортсментæ сæхи цæттæ кæнынц ерыстæм. Æппæтуæрæсеон турнир ивазæнтæй ацæудзæн ноябры райдиан Дзæуджыхъæуы. Ахæм бæрзонд æмвæзадыл национ спорты хуызы чемпионат сараздзысты фыццаг хатт. Уазиты Зæлинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны спортсментæ ивазæнты спорты хуызы ерыстæй сыздæхтысты 9 майданимæ
Категория:
Новости и СМИ