Цæгат Ирыстоны иумæйаг паддзахадон фæлварæн уырыссаг æвзагæй радтой
Цæгат Ирыстоны иумæйаг паддзахадон фæлварæн уырыссаг æвзагæй радтой. Сæ зонындзинæдтæ сбæрæг кæнынмæ курдиæттæ балæвæрдтой 1 092 адæймаджы. Иумæйаг паддзахадон фæлварæн уырыссаг æвзагæй хауы, æнæмæнг дæттын кæй хъæуы, уыцы фæлварæнты хыгъдмæ. Рауагъдонтæ фæлварæн кæм лæвæрдтой, уыцы бæстыхæйттæ ифтонг уыдысты видеоцæстдарды системæтæй. Фæлварæн куыд цыд, уымæ сæ хъус дардтой æхсæнадон цæстдарджытæ. Республикæйы фæлварæн раттæн уыд 10 пункты. Хæслæвæрдтæ сæххæст кодтой æртæ сахаты æмæ `рдæгы æмгъуыдмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны иумæйаг паддзахадон фæлварæн уырыссаг æвзагæй радтой
Категория:
Новости и СМИ