Битарты Вячеслав архайдта Уæрæсейы æдасдзинады Советы сæрмагонд æмбырды
Битарты Вячеслав архайдта Уæрæсейы æдасдзинады Советы сæрмагонд æмбырды. Разамынд ын лæвæртта Николай Патрушев. Æмбырды архайджытæ уæлдай æргом аздæхтой национ проекттæ æххæстгæнгæйæ барадхæлдтытæ ма руадзынмӕ. Цæгат Кавказы Федералон зылды 327 национ проекты райрæзтæн бюджетæй рахай кодтой 5 сæдæ миллиард сомы. Уæрæсейы президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайкайы ныхæстæм гæсгæ, национ проекттæ æххæстгонд цæуынц бæрæггонд æмгъуыдмæ гæсгæ. Уыимæ ма æнæ къуылымпытæй. Барадхъахъхъæнæн æмæ цæстдарæн оргæнтæн бабар кодтой, цæмæй корупцион фæзындтытæ ма 'руадзой. Национ проекты райрæзтæн цы æхцайы фæрæзтæ дихгонд цæуы, уыдон давын ма бауадзой. Æмбырды архайджытæ ма æрдзырдтой, пандемийæйы рæстæг куыст куыд цыд, ууыл. Ног низы парахаты рæстæг национ проекттӕ æххæст кæныны æмгъуыд баййæфта къуылымпыдзинæдтæ. Æппæт фæткæвæрдтæ ист куы 'рцæуой, уæд, фылдæр ӕргом здахгæйæ, бакусдзысты «Демография», «Образование» æмæ «Здравоохранение»-йы национ проекттыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Битарты Вячеслав архайдта Уæрæсейы æдасдзинады Советы сæрмагонд æмбырды
Категория:
Новости и СМИ