Ахæм хабæрттæ // 2020 / 9 декабря
Ирыстон кæддæриддæр хъæздыг уыди йæ хъайтартæй. Абон Джызæлы ног уынгæн сæ иуæн раттой Адеты æфсымæрты ном. Адеты мыггаг ацы цаумæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. 152 кæрты æмæ 39 æсхæнадон фæзуатмæ ацы аз базылдысты Цæгат Ирыстоны. Куыстытæ баххæст кæнын бантыст программæ «Комфортная городская среда»-йы фæлгæты. 2021 азмæ базилинаг объектты хыгъд ныридæгæн арæзт у. Ног Азы армукъа йæ дуæрттæ байгом кодтой Æрыдоны цæрджытæн. Алкæй бон дзы у ссарын бæрæгбоны фæлыст æмæ бынæттон кондад. Ныртæккæ уал дзы сифтонг кодтой 15 цатыры, хæстæгдæр рæстæг дыууæ хатты фæфылдæр уыдзысты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахæм хабæрттæ // 2020 / 9 декабря
Категория:
Новости и СМИ