Иумæйаг паддзахадон фæлварæн фæсарæйнаг æвзæгтæй абон лæвæрдтой Цæгат Ирыстоны рауагъдонтæ
Иумæйаг паддзахадон фæлварæн фæсарæйнаг æвзæгтæй абон лæвæрдтой Цæгат Ирыстоны рауагъдонтæ. Æдæппæтæй 392 адæймаджы. Цæстдарджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæлварæн ацыд нысангонд фæткмæ гæсгæ. Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы амындмæ гæсгæ санитарон домæнтæ æххæстгонд цыдысты. Экзамен дæттæн пунктты архайджытæн барстой сæ буары тæвд, къухтæ кодтой дезинфекци. Фæлварæны размæ æмæ йæ фæстæ кусæнуæттæ кодтой дезинфекци. Уыимæ ма æххæст кодтой социалон дистанци дæр. Фæлварæнмæ сæ хъус дардтой федералон эксперттæ æмæ регионалон æхсæнадон цæстдарджытæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Иумæйаг паддзахадон фæлварæн фæсарæйнаг æвзæгтæй абон лæвæрдтой Цæгат Ирыстоны рауагъдонтæ
Категория:
Новости и СМИ