Паддзахадон архивы бæстыхай сараздзысты Аланийыл дзуæрттæ куы бафтыдтой, уый 1100 азмæ
Паддзахадон архивы бæстыхайы арæзтад бахастой, Аланийыл дзуæрттæ куы бафтыдтой, уый 1100 азмæ цæттæгæн уæлæмхасæн мадзæлттæм. Фарстайыл æрдзырдтой республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Кæсæбиты Игорь æмæ Архивы службæйы разамонæг Тебиаты Еленæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæйраг паддзахадон архивы бæстыхайы арæзтадæн бакуыстой проектон-сметон гæххæттытыл. Ныридæгæн ын разыйы дзуапп рахастой паддзахадон экспертизæйы. Уымæй уæлдай ног объект Дзæуджыхъæуы цы бынаты фæзындзæн, уый дæр фæнысан кодтой. Федералон центры объекты арæзтадмæ сæ хъус дарынц. Уæрæсейы экономикон райрæзты къабазы гæнæн ис Цæгат Кавказы федералон зылды райрæзты паддзахадон программæйыл бацархайæн. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ революцийы размæ республикæйы архивы фонды æвæрд уыд 332 мин куысты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Паддзахадон архивы бæстыхай сараздзысты Аланийыл дзуæрттæ куы бафтыдтой, уый 1100 азмæ
Категория:
Новости и СМИ