Медицинон æркаст кæмæ цæуы, уыдоны нымæц 1067 адæймаджы
Фæсарæнтæй чи сыздæхт æмæ медицинон æркаст кæмæ цæуы, уыдоны нымæц - 1067 адæймаджы. Карантины хыгъдæй ист адæмы нымæц та сси 2045 адæймаджы. Тагъдæххуысы Клиникон Рынчындоны ныртæккæ ис 275 пациенты, иу бонмæ сæм бафтыд 48 адæймаджы. 142 дзы сты коронавирусы инфекци кæмæ рабæрæг, уыдоны корпусы. Улæфæн аппаратты бын сты 15 адæймаджы. Сывæллæтты Республикон Клиникон Рынчындоны инфекцион корпусы ис 4 сывæллоны æмæ 2 хистæр кары адæймаджы. Коронавирус дзы рабæрæг кодтой 1 сабимæ. Ивгъуыд бон рынчындонæй рафыстой 5 сывæллоны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Медицинон æркаст кæмæ цæуы, уыдоны нымæц 1067 адæймаджы
Категория:
Новости и СМИ