Хъуылаты Елхъан | Аивады æвæрæнтæй
Ирон музыкалон классикон аивадæн стыр хæрзты чи бацыд, йæ цард зарæджы хорзæхæй чи барста, уый уыд зындгонд оперон зарæггæнæг, композитор, УФ-йы сгуыхт æмæ нæ республикæйы адæмон артист Хъуылаты Елхъан. Цалынмæ йæ хъайтары цардæй цæрын нæ райдыдтаид, йæхæдæг æй йæ зонды авналæнтæй, курдиаты, зæрдæ æмæ уды цæхæрæй нæ саив кодтаид, уæдмæ-иу сценæмæ нæ рацыд. Ахæм хуызы куыста, цы зарджытæ зарыд, уыдоныл дæр. Заргæ-зарын-иу йæ цæсгомыл хъазыд мидбылхудт, йæ фæлмæн цæстæнгасæй та-иу адæймагæн йæ сагъæстæ, йæ мæстытæ фæсырдта. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъуылаты Елхъан | Аивады æвæрæнтæй
Категория:
Новости и СМИ