Дысон Дзæуджыхъæуы Къостайы проспекты æрцыд фæндаггон фыдбылыз
Дысон Дзæуджыхъæуы Къостайы проспекты æрцыд фæндаггон фыдбылыз. 23 сахаты æмæ 17 минутыл хæдтулгæтæ «Мерседес» æмæ «Лада Калина» кæрæдзийы сцавтой. Афтæмæй сæхи бахастой рухсдæттæн цæджындзмæ. «Мерседес»-ы шофыр фæмард бынаты. Иннæ хæдтулгæ фæфæлдæхт. Фæндаггон фыдбылызы хъыгдæрд чи баййæфта, уыдоны æвæстиатæй аластой рынчындонмæ. Фыдбылызы аххосæгтæ ныртæккæ иртасынц бæрнон кусджытæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv