Джиоты бинонты хæдзар зынгсирвæзты рæстæг басыгъд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 лет назад

Кæд нысангонд фæткы домæнтæ фæлæмæгъдæр кодтой, уæддæр маскæтæ дарыны уагæвæрд нырма ис йæ тыхы. Пандемийæйы рæстæг хи уæлдай тынгдæр хъахъхъæнын хъæуы æхсæнадон бынæтты æмæ транспорты. Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды упраленийы специалисттæ дарддæр аразынц рейдтæ. «Æхсæвы 3 сахатыл æнæнхъæлæджы тыхджын гуыппæй райхъал стæм иууылдæр». Ахæм ныхæстæ Джиоты Алан загъта, 27 февралы цы фыдбылыз æрцыд сæ хæдзары, уый тыххæй. Куыд рабæрæг, афтæмæй хъармгæнæны куыст нæ фæрæстмæ. Уайтагъд зынгсирвæзт йе `взæгтæ æгас хæдзарыл бафтыдта. Ныййарджытæ æд фондз сывæллоны цы акодтаиккой, уый нал зыдтой. Хъыгагæн, бинонты хицауы, сывæллæтты фыды йæ хъæдгæмтты аххосæй адзал æрæййæфта. Фыдбылызы цауæй 3 боны куы рацыд, уæд рынчындоны амард. Бинонтæн сæ гæххæттытæ басыгъдысты. Ныртæккæ ма хæдзарæй баззад æрмæст сыгъд цæджындзтæ, саст рудзгуыты згъæлæнтæ, милайæ чи нал зыны, ахæм дзаумæттæ. Бинонтæ ныр цæрынц сæ хæстæджытæм. Фæлæ уал сæ фарсмæ чи балæууыд, ахæмтæ, Хуыцау хорз, æмæ разынд. Кæмæн куыд йæ бон у, афтæ сын æххуыс кæнынц. Бинонты ныр æвæстиатæй сног кæнын хъæуы сæ гæххæттытæ. Ныфсытæ сын æвæрынц. Афтæ Беслæны «Стыр ныхас»-ы уæнгтæ дæр хъуамæ хæдзары сæр баивой. Иннæтæ сын зæрдæ бавæрдтой хæдзары къултæ ногæй байсæрдынæй. Рахизфарсы районы администрацийы минæвæртты ныхæстæм гæсгæ зынвадат уавæрты бахауæг бинонты сæ фыдбылызы иунæгæй нæ ныууадздзысты. Фыдбылызы иунæг уæвын æлгъысты хуызæн у. Амондæн, Джиоты уыцы фыдæх нæ фæци. Баххуыс кæнын ма кæй фæнда, уыдонæн дæр ахæм бар ис. Бинонты цæрынц Набережная, зæгъгæ, уынгыл. Уæвгæ, канд æхцайыл нæ цæуы ныхас. Вæййы афтæ дæр, æмæ зæрдæйы ахаст бинонты тыхыл тых бафтауы. Кæд ацы хатт афтæ зæгъæн ис, уæд. Пелиты Сабинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Джиоты бинонты хæдзар зынгсирвæзты рæстæг басыгъд

Категория:

Новости и СМИ