Газификацийы фарстайы фæдыл вице-премьер Александр Новакæн уыд федералон штабы æмбырд
Газификацийы фарстайы фæдыл Уæрæсейы вице-премьер Александр Новакæн уыд федералон штабы æмбырд. Архайдта дзы регионы разамонæг Сергей Меняйло дæр. Цæгат Ирыстон æрдзон газæй ифтонггонд у 93%. Газпромы инвестицион программæмæ гæсгæ дæрддзæф хъæутæм уагъд цæуынц газы хæтæлтæ, уæлæмхасæн фæрæзты фæрцы та газ дарддæр уадзынц хъæуты уынгты хæдзæрттæм. Уымæй та цух сты 1 100 хæдзары. Фидæны цъæх артагæй ифтонггад хъуамæ ахиза 98% сæрты. Газ бауадзыны курдиæттæ æгас бæстæйæ балæвæрдтой 650 мин адæймаджы. 225 фæлхасгæнæгимæ бадзырдтæ бафыстой. Æдæппæтæй та артагæй пайда кæныны удæнцойæ иппæрд сты 2 млн æмæ 200 мин адæймаджы. Уавæр сраст кæнынæн сæрмагонд амынддзинæдтæ радта Владимир Путин. Федералон æмбырдмæ ныстуаны бабар кодта 2023 азмæ цæрджыты цæрæн бынæттæм цъæх артаг бауадзын. Курдиат ныууадзæн ис Газпромы дæлхайадмæ, бирæвæрсыг центрмæ æмæ паддзахадон лæггæдты порталы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv