Сæрмагонд бадзырдмæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны фæкъаддæр уыдзысты хойрæгты æргътæ
Ивгъуыд аз декабры нæ бæстæйы хъæууон хæдзарад æмæ промышленносты министрадтæ бадзырдтæ бафыстой егъау базарадон центртæ æмæ хойрæгтæ уадзыны куыстуæттимæ. Сæйраг нысан – фæцæрынæн фыццаджыдæр цы хойрæгтæ хъæуы, уыдоны æргътæ фæкъаддæр кæнын. Хыгъдмæ бахастой зети æмæ сæкæр. Базарадон центртæй бадзырд чи бафыста, уыдон хъуамæ зетийы литр уæй кæной 110 сомæй. Сæкæры килæ та 46 сомæй. Республикæйы базарадон центрты разамонджытæм арвыстой фыстæджытæ, цæмæй бадзырд бафыссой. Уый тыххæй сæрмагонд хъусынгæнинаг фæзынд республикæйы экономикон райрæзты министрады офицалон сайт æмæ дзыллон информацион фæрæзты. Чысыл дуканитимæ ацы фарстайыл бакусдзысты бынæттон хыуынафæййады разамонджытæ. Ныридæгæн Цæгат Ирыстоны бадзырд бафыстой 80 организацийы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сæрмагонд бадзырдмæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны фæкъаддæр уыдзысты хойрæгты æргътæ
Категория:
Новости и СМИ