Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ æрцахстой, героин чи уæй кодта, ахæм закъонхалджыты къорд
Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ æрцахстой, героин чи уæй кодта, ахæм закъонхалджыты къорд. Мæскуыйы дыууæ цæрæджы туристты хуызы ссыдысты республикæмæ æмæ алы рæтты уæззау наркотик парахат кодтой. 34-аздзыд нæлгоймаг æмæ 23-аздзыд сылгоймаг сæ аххосыл басастысты. Оперативон-сгарæн мадзæлтты рæстæг наркотик уæйгæнджытæм ссардтой героины тыхтон. Уымæй саразæн уыд 200 дозæйæ фылдæр. Цалынмæ сæ не’ рцахстой, уæдмæ скодтой 10 æмбæхсæны. Фыдгæнджыты ныхмæ ныр байгом кодтой уголовон хъуыддаг, УФ уголовон кодексы 228-æм уацмæ гæсгæ «Æнæзакъонæй наркотикон буаргъæдтæ парахат кæныны тыххæй». Сæ æнæзакъон миты тыххæй ныр, гæнæн ис, æмæ ахæстоны фæбадой 15 азы онг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны пъæлицæйæгтæ æрцахстой, героин чи уæй кодта, ахæм закъонхалджыты къорд
Категория:
Новости и СМИ