Дашкъофы сбæрæг кодтой сыхæгты æппæтдунеон бон
Хъæлдзæг зарджытæ, кæфтытæ æмæ хъæрмуд зæрдæйы ахаст. Афтæмæй Дашкъофы цæрджытæ сбæрæг кодтой сыхæгты æппæтдунеон бон. Хъæу ныр дыккаг хатт сси æппæтуæрæсеон конкурсы уæлахиздзау. Цы грант рамбылдтой, уый фæрæзтæй та саив кодтой сæ цæрæн бынат. Бæрæгбоны уыд не 'сфæлдыстадон къорд дæр. Хорз сыхæгтæн куыд æмбæлы, афтæ хъæлдзæгæй æмæ хæлар ахастдзинæдтимæ Дашкъофы сбæрæг кодтой сыхæгты бон. Ныр дыккæгæм хатт хъæуы цæрджытæ сæхи тынг зæрдæргъæвдæй бацæттæ кодтой. Уыдис сæм уазджытæ канд сæхи районы хъæутæй нæ, фæлæ ма сыхаг районтæй дæр. Хъæу у тынг аив, сыгъдæг æмæ нывыл. Уый цæст уайтагъд ацахсы, Дашкъофмæ бахизгæйæ: хорз фæндæгтæ, зылд фæлладуадзæн бынæттæ. Фæлæ ацы хъæуы хæзнатæн се стырдæр - йæ адæм. Æмæ сæ бæрæгбон дæр сæхимæ гæсгæ рауад - хъæрмуд æнкъарæнтæ дзы уыд æгæронæй. Æмæ ам канд концерт нæ уыд. Хъæуы цæрджытæ ма бацæттæ кодтой алыхуызон армукъатæ. Хъæууон хæдзарад, национ хæринæгтæ, нывкæнынад, стæй æрмдæсныты сфæлдыстад. Ацы æппæт сусæгдзинæдтæ фæлтæрæй фæлтæрмæ хæццæ кæнынц. Фарон хъæу сси Æппæтуæрæсеон конкурс «Лучшая муниципальная практика»-йы уæлахиздзаутæй иу. Райстой грант - 15 милуан сомы. Æхцайы фæрæзтæ схардз кодтой сæ хъæу саив кæныныл, лыггæнинаг фарстатыл бакусыныл. Рæхсджы та Дашкъофы баивдзысты доны хæтæлтæ, стæй сараздзысты рæвдауæндон. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дашкъофы сбæрæг кодтой сыхæгты æппæтдунеон бон
Категория:
Новости и СМИ