Æрдзон газæн ацы азы фыццаг æмбисæн бюджетон куыстуæттæ бафыстой афойнадыл æмæ æххæстæй
Æрдзон газæн ацы азы фыццаг æмбисæн бюджетон куыстуæттæ бафыстой афойнадыл æмæ æххæстæй. Фарон уыцы æмгъуыды фиддонтæ рауадысты 85 проценты, ныр 106 процентæй фæфылдæр сты. Уый тыххæй хъусын кæнынц «Газпром межрегионгаз Дзæуджыхъæу»-æй. Ацы аз 1-æм июльмæ пайдагæнджытæ газы фиддонтæй цы хæстæ дардтой, уыдоны бæрц 25 милуан сомы фæкъаддæр. Районы бюджетон организацитæй хуыздæр фидынц Алагиры, Рахисфарсы æмæ Кировы районты. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ республикæйы бæстонæй цæттæ кæнынц фæззыгон-зымæгон афонмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрдзон газæн ацы азы фыццаг æмбисæн бюджетон куыстуæттæ бафыстой афойнадыл æмæ æххæстæй
Категория:
Новости и СМИ