Дзæуджыхъæуы уыд Æхсæнадон палатæйы экспертон къамисы æмбырд
Дзæуджыхъæуы ацыд Æхсæнадон палатæйы æмбырд. Дзырдтой, национ программæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Сæрмагондæй ныхас цыд бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæгыл. Æрæджы Æхсæнадон палатæйы уæнгтæ сбæрæг кодтой дон сыгъдæггæнæнтæ, хъармгæнæнтæ æмæ кæлæтдзаг хæдзæртты уавæр. Цы объекттæ федтой, уыдоныл бæстонæй æрныхас кодтой Цæгат Ирыстоны хицауады æмæ дзуапдæттæг министрадты минæвæрттимæ. Куыстыты æмвæзад хорзыл банымадтой. Бæрнон кусджытæ ма се ’ргом аздæхтой фæндæгты арæзтадмæ æмæ быроныл бакусыны фарстатæм. Кæм хъæуы, уыцы бæстыхæйтты, æнæмæнг, æвæрдзысты пандустæ. Уый хауы фæндаджы сæрты ахизæнтæм дæр. Æмбырд ацыд Цæгат Кавказы форум «Сообщество»-йы фæлгæты. Форум йæхæдæр райдайдзæн 26 майы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы уыд Æхсæнадон палатæйы экспертон къамисы æмбырд
Категория:
Новости и СМИ