Алагиры Хуыбецты дзулфыцæн куыстуат адæмæн лæггад кæны ныр 12 азы
Алыхуызон дзулы продукци, адджинæгтæ, чъиритæ. Алагиры Хуыбецты дзулфыцæн куыстуаты кой кæмæ нæ фæхæццæ, ахæм адæймаг нæй. Сæумæцъæхæй дзул æрвитын райдайынц районы дуканитæм. Цæрджытæ та йæ тæвдæй æлхæнынц. Ныртæккæ куыстуат архайы йæ продукцийы хуызтæ ноджы уæрæхдæр фæкæныныл, уымæн æмæ нырыккон фæлхасгæнæг домаг у. Цалынмæ горæты цæрджытæ сæ тарф фынæйы ахæсты вæййынц, уæдмæ Хуыбецты Дзерассæ йæ дыууæ кусæгимæ балæууы йæ куысты уæлхъус. Хъуамæ адæмæн сæ аходæнмæ сфыцой хъарм дзул. Æлхæнæджы зæрдæ цæмæй барухс уа, уый тыххæй æххæст кæнын хъæуы алы лыстæг домæнтæ. Фыццаг уал ссад æнæмæнгæй балуарынц. Уый тыххæй Хуыбецтæм ис сæрмагонд, фæсарæнтæй ласт мигæнæн. Дарддæр йæ куыст райдайы хыссæзмæнтæн. Цалдæр минутмæ иу голладжы дзаг ссад æмæ 50 литры донæй хыссæ ацæттæ вæййы. Дзулфыцæны алы куыст дæр у хæдархайгæ. Мæнæ ацы кусæнгарз та хыссæ дих кæны æмхуызон хæйттыл. Алкæцыдæр сæ у 700 граммы. Дарддæр хыссæйы цъуппытæ сæ фæндаг акæнынц комкоммæ пецмæ. Дзул пецæй райсыны афонмæ бон дæр æрбацъæх вæййы. Фыццаг дзулæлхæнджытæ дæр уæд фæзынынц. Ацы тæвд æмæ хæрзад дзул йæ райсомы аходæнмæ чи балхæны, уыдон чысыл не сты. Дзулæй дарддæр ма ам ис алыхуызон адджинæгтæ дæр. Сæумæрайсом дзулфыцæн чи бабæрæг кодта, уыдоны афарстам продукцийæ. Гыццыл фæстæдæр æрбахæццæ вæййы дзулласæг дæр. Цæрджыты удæнцойæн хойраг бахæццæ вæййы хъæутæм дæр. Хъæуккаг адæймагæн йæ бон у къæбæр балхæнын йæ хæдзары дуармæ. Йæ фылдæр хай та йын байуарынц районы ахуырадон кусæндæттæ æмæ дуканитыл. Адæм æм æнхъæлмæ кæсынц уæлдай æхсызгонæй. Хуыбецты дзулфыцæн куыстуат ныр 12 азы кусы. Алы дзулыл дæр ис сæрмагонд нысан - хуры ныв. Раздæр сæ авналæнтæ фылдæр уыдысты. Ныр дзулфыцæн куыстуæттæ сбирæ сты. Æмæ-иу кæд цалдæр азы размæ ам 15 кусæджы уыд, уæд абон сты æрмæст дыууæйæ. Фæлæ Дзерассæ йæхимæ хъусыныл нæ фæци. Фæнды йæ дзулы ног хуыз æмæ ног хъацæнтимæ фыцын райдайын. Ныртæккæ сæхи цæттæ кæнынц куадзæнмæ. Аразынц бæрæгбоны гуылтæ. Зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц сæ продукцийы хуызтæ фæуæрæхдæр кæнынмæ. Кусын сæ бахъæудзæн æппæт тыхтæй. Уæд сæ фæллойгæнджыты нымæцыл дæр бафтдзæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Алагиры Хуыбецты дзулфыцæн куыстуат адæмæн лæггад кæны ныр 12 азы
Категория:
Новости и СМИ