Цæгат Ирыстоны ацыдысты ерыстæ æнæнхъæлæджы уавæрты управлении кусджыты 'хсæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

Цæгат Ирыстоны ацыдысты ерыстæ рог атлетикæйæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджыты 'хсæн. Архайдтой дзы зынгхуыссынгæджыты æмæ ирвæзынгæнджыты æппæт къордты минæвæрттæ - æдæппæтæй 70 адæймаджы. Спортсментæ тох кодтой 4 дистанцийы: 100 м, 200 м, 400 м æмæ 1 км. Иумæйаг хыгъды 3-аг бынат райста Дзæуджыхъæуы зынгсирвæзтыты ныхмæ ирвæзынгæнæн сæрмагонд хайад, 2-аг бынат - Мæздæджы зынгхуыссынгæджыты æмæ ирвæзынгæнджыты 15-æм къорд, 1-аг та Дзæуджыхъæуы 16-æм къорды командæ. Уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой майдантæ æмæ дипломтæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ацы ерыстæ сты æрвылазон. Сæ сæйраг нысан - æнæниздзинады царды уаг парахат кæнын æмæ физикон цæттæдзинад уæлдæр кæнын. Владимир Бутэнко, РЦИ-Аланийы æнæнхъæлæджы цауты сæйраг управленийы сæрдары хæдивæг: «Спорты хи фæлварын æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæн ахсджиаг хъуыддаг у. Уымæй уæлдай ма разæнгард кæнæм æрыгон фæлтæры дæр спортмæ». _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны ацыдысты ерыстæ æнæнхъæлæджы уавæрты управлении кусджыты 'хсæн

Категория:

Новости и СМИ