Дзæуджыхъæуы 4000 сывæллоны бацæудзысты фыццаг къласмæ
Дзæуджыхъæуы 4 мин сывæллоны бацæудзысты фыццæгæм къласмæ. Бахиздзысты 42 муниципалон скъолайы къæсæрæй. Абоны онг фыццагкъласcонтæ сты 3 758. 5-æм сентябры онг нырма скъоладзауты нымæц фæфылдæр уыдзæн. Уый тыххæй фехъусын кодтой Дзæуджыхъæуы администрацийы пресс-службæйæ. 2018-æм азы фыццагкъласcонты нымæц уыд 4 113. Уæ зæрдыл ма уын æрлæууын кæндзыстæм, Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министрад Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлениимæ райдиан скъолайы ахуырдзаутæн снысан кодта иумæйаг меню. Дзуапп дæтты санэпидстанцæйы домæнтæн. Менюмæ бахастой сывæллæтты кармæ гæсгæ хъæугæ хæринæгтæ. Уыдзысты цалдæр хуызы: салаттæ, тæвд хæринаг, дзидза, карчы фыд æмæ кæсаг. Семæ сын гарнирæн æфтаудзысты картофы ссæст, сауфагæ æмæ мæнæуы фых, макъаронтæ кæнæ къабуска сурвыхæй. Уымæй уæлдай ма менюмæ хаст æрцыдысты къæдорæй конд хæринæгтæ, дыргътæ, нуазынмæ та - цай, какао, дыргътæ æмæ халсарты дæттæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, скъоладзаутæн сихоры хæрд кæныны тыххæй хъæппæрис разынд Уæрæсейы президент Владимир Путинмæ. Фæбæрæг æй кодта Федералон Æмбырдмæ æрвылазон ныстуаны. Паддзахадон Думæмæ ацы хъæппæрис бахастой 1-æм февралы. Ахуырдзаутæн лæварæй тæвд хæринаг хæрын кæныны тыххæй закъон сæххæст кæнынæн Цæгат Ирыстонæн рахай кодтой 161 милуан сомы субсиди, регионалон бюджетæй та хардзгонд æрцæудзæн 12 милуаны. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы 4000 сывæллоны бацæудзысты фыццаг къласмæ
Категория:
Новости и СМИ