Туристон машруттæ регистраци кæнын райдыдтой онлайн хуызы
Цæгат Ирыстоны адæм сæ туристон машруттæ регистраци кæнын райдыдтой онлайн хуызы. Сæ нымæц схæццæ 30-мæ. Арæхдæр дзы пайда кодтой æндæр бæстæтæй æрцæуæг туристон къордты разамонджытæ. Се `ппæтæй арæхдæр цыдысты Хъæрмæдоны дæттæм æмæ Дыгургомы коммæ. Статистикæмæ гæсгæ, онлайн хуызы регистраци скодтой туристон къордты разамонджытæн сæ 65%. Цæгат Ирыстоны æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ адæмæн хъусын кæнынц, туристон маршруттæ ахæм хуызы регистрацингонд кæй цæуынц адæмы æдасдзинады тыххæй. Ирвæзынгæнджытæн уæлдай ахсджиаг у ацы хъуыддаг, уымæн æмæ, искæуыл исты куы ’рцæуа, уæд æй æнцондæр агурæн уыдзæн. Ныртæккæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады официалон сайты ис сæрмагонд хай туристон къордтæн. Уым сæ бон у балцы размæ сæхи регистраци скæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Туристон машруттæ регистраци кæнын райдыдтой онлайн хуызы
Категория:
Новости и СМИ