Ӕппæтуæрæсеон адæмон фронты минвæрттæ 29 æм «Ӕфсæддон городок» ы цæрджытæм æххуысы къух бадардтой

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 лет назад

29-æм «Ӕфсæддон городок»-ы цæрджытæ хъаст кæнынц, сæ алфамблай цы дзæгъæл бæстыхай ис, уый тыххæй. Арæх дзы сӕмбырд вæййынц æрыгон адæм, сæ хъæбæр нозт сæ разæй, афтæмæй. Уыймӕй тыхсын кӕнынц бынæттон цæрджыты. Ацы бæстыхайы раздæр уыд гæрзтæ æхсæн комплекс. Ныр дзы бырон æмæ чъизийæ бахизæн нæй. Цæрджытæ сæ хъаст бахастой æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæм. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. 29 «Ӕфсæддон городок»-ы зæххы хайыл кæддæр уыд абана ӕд дзаумӕттӕхсӕн бӕстыхай, фæлæ уый фæстæ йæ хицау ивд ӕрцыд, æмæ бæстыхай æвæгæсæгæй аззад. Ныр ардæм æрвылбон дæр фæсивæд æрбацæуынц. Æрмæстдæр иу нысанимæ, хъæбæр нозт бануазын, сæ уды дзæбæхæн рæстæг арвитын, хатгай се 'хсӕн хыл дæр бацайдагъ вæййы. Ахӕм уавæр тыхсын кæны цæрджыты. Æппынæдзух æмбырд кæнынц, фарста алыг кæныныл архайынц. Уымæн æмæ ахæм тæссаг уавæры сæ сывæллæтты уынгмæ рауадзын дæр сæ ныфс нæ хæссынц. Ацы «Ӕфсæддон городок» ис 58 æфсады 34 бригадæмæ хæстæг Къостайы проспекты, у хъахъхъæнынады министрады бæрны. Фæлæ ам горæты рацæуæнтæ дæр сты тынг зæрдæхсаинаг, фæндаджы уæлцъар нал бæззы: машинæйыл нæ, фæлæ дзы велосипедыл дæр нæ ацæудзынæ. Арæх сæм дон дæр нæ вæййы. Хатгай цæрджыты мыдадзын цырæгъты уæлхъус бадын дæр бахъæуы. Городкмæ ис æртæ бацæуæны, уыдон иуылдæр вæййынц æхгæд. Уымæ гæсгæ æфсæддонты бахъæуы сæ хæдтулгæтæ кæрдæгыл æмæ къахвæндæгтыл сæвæрын. Тагъд æххуысы службæты дæр ацы уавæр тыхсын кæны, сыхаг хæдзæртты цæрджытæ дæр сты мæсты мидӕг. Фондз азы дæргъы алыхуызон куыстуæттæм фыссынц, сæ хъаст хæссынц, фæлæ сæ фарста алыг кæнын сæ бон нæу. Ныр уавæр фæхуыздæр, Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ сын сæ хъаст фехъуыстой. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ уавæрмæ бæрнон цæстæй æркастыты, баххуыс кæнынæй сын зæрдæ бавæрдтой. Æмбырд кæнынц сæрмагонд гæххæттытæ. Уыдоны руаджы цæрджытæн бар уыдзæн федералон программæйы бацархайынæн, æмæ ам сæ царды уаг фæхæрзхъæддæр, фæхуыздæр кæнынæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Ӕппæтуæрæсеон адæмон фронты минвæрттæ 29 æм «Ӕфсæддон городок» ы цæрджытæм æххуысы къух бадардтой

Категория:

Новости и СМИ