Сергей Меняйло амыдта терроризмы ныхмæ къамисы æмæ оперативон штабы иугонд æмбырд
Сергей Меняйло амыдта терроризмы ныхмæ къамисы æмæ оперативон штабы иугонд æмбырд. Дзырдтой ахуырадон уагдæтты æдасдзинадыл ахуыры азы райдианмæ. Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Алыбегты Эллæ фæнысан кодта, скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ хъахъхъæныны мадзæлттæ кæй фæхуыздæр сты, уый. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахуырадон объекттæн сæ 88% дзуапп дæттынц æдасдзинады домæнтæн. 66% фылдæры ис профессионалон хъахъхъæнджытæ. Уый хыгъд ис райхалинаг фарстатæ дæр. Регионы разамонæг бадомдта се ’ппæтыл дæр кæронмæ бакусын. Æмбырды ныхас кодтой æвзæрстыты рæстæг æдасдзинады мадзæлттыл. Æвзарæн хайæдтæ цæудзысты хъахъхъæд, кусдзысты дзы видеоцæстдарды системæтæ. Æвзарæн къамистæ æмæ мидхъуыддæгты министрады кусджытæ хъуамæ цæттæ уой æнæнхъæлæджы уавæртæм дæр. Уымæй уæлдай алы æвзарæн хайады æххæст кæнын хъæудзæн санитарон домæнтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv