Абайты Зоинбег хорзæхгонд æрцыд «Ирыстоны намысы» майданæй
Медицинон наукæты доктор, профессор, Мæскуыйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады департаменты бæрны стоматологон поликлиникæйы сæйраг дохтыр Абайты Зоинбегӕн лæвæрд æрцыд «Ирыстоны намысы» майдан. Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы номæй майдан Абайты Зоинбегæн радта Уæрæсейы Президенты цур Цæгат Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Дзанайты Барис. Æххæстбарджын минæвар куыд фæнысан кодта, афтæмæй не 'мзæххон æнæниздзинад хъахъахъхъæнынады системӕйы рæзтмæ хæссы стыр бавæрæн. Фæлтæрдджын архайдæй Зоинбег æххуыс кæны Мæскуыйаг ирæттæн. Йæхи 'рдыгæй профессор загъта бузныг республикæйы разамындæн, фæбузныг, стыр кады аккаг кæй фæци, уымæй. Тынг æхсызгон ын у, йæ куыст æнæ рхъуыдыйæ кæй нӕ баззад, уый. Фембæлды ма архайдтой Ирон æхсæнады сæрдар Абайты Алан æмæ æхсæнады уæнг Бæройты Владимир. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Абайты Зоинбег хорзæхгонд æрцыд «Ирыстоны намысы» майданæй
Категория:
Новости и СМИ