Фыййагдоны хъармдæттæны æвæрынц ног кусæнгарз
Фыййагдоны хæдзæрттæ ныр хъарм кӕндзысты æнæ къуылымпытæй. Ныртæккæ хъармдæттæны æвæрынц ног кусæнгарз. Æртæ азы размæ поселочы райдыдтой газæй пайда кæнын. Куыста дзы иу хъармдæттæн, уый дӕр хъæндзинæдтимæ. 60 азмæ нырыккон домæнтæн дзуапп нал лæвæрдта. Ног кусæнгарзы техникон гæнæнты руаджы та Фыййагдоны цæрджытæм зымæгон хъарм цæудзæн æнӕрлӕугӕйӕ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv