Вице премьер Азымты Иринæ уыд кусæг балцы Горæтгæрон районы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

Экономикон къабаз, мæгуырдзинадимæ тох кæныны программæ æмæ ахуырады хæрзхъæддзинад. Ацы хъуыддæгтыл æрныхас кодта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ Горæтгæрон районы разамындимæ. Горæтгæрон районы ис 29 скъолайы æмæ 25 рæвдауæндоны. 11 ахуыргæнæндоны бындурыл дзы кусынц «Точка роста» центртæ. Сывæллæтты зонгæ кæнынц робототехникæ æмæ программированиимæ, ахуыр сæ кæнынц шахмæттæй хъазын æмæ фыццаг медицинон æххуыс бакæныныл. Азымты Иринæйы ныхæстæм гæсгæ хъомылгæнджыты архайд хуыздæрырдæм ахады сывæллæтты уæлæмхасæн ахуырадыл. Æмбырды ахуырады къабазм райрæзтмæ уыд уæлдай æргом здæхт. 11 скъолайы бæрæггæнæнтæ сты зæрдæхсаинаг. Уый хыгъд вице-премьеры хъуыдымæ гæсгæ ахуырады хæрзхъæддзинад Горæтгæрон районы хъæуы фæуæлдæр кæнын. Хицæнæй дзырдтой фæсивæдон политикæйыл. Сывæллæттæн канд спортивон мадзæлттæ аразын нæ хъæуы, æргом здахын хъæуы 22 азы кæуыл сæххæст уыдоны фидæнмæ дæр. Æрдзырдтой фæсивæды экономикон къабазы архайдыл. Æххуысы мадзæлтты тыххæй цæрджытимæ кæнынц æмбарынгæнæн куыст. Æрыгон специалисттæ хъуамæ зоной, кæм хъæуа уым хицауад æххуысы къух кæй бадардзæн, уый. Æмбырды бæстонæй æрдзырдтой цæрджыты социалон хъахъхъæнынадыл. Мæгуырдзинадимæ тохы программæйы фæлгæты социалон контракттæ Горæтгæрон районы бафыстой 97 адæймагимæ. Уыцы бардзырдты нымæцæй 47 адæймаджы уал разыйы дзуапп райстой. Азымты Иринæйы ныхæстæм гæсгæ, бæрæггæнæнтæ хъæуы фæхуыздæр кæнын. Цæрджытимæ хъæуы фылдæр кусын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Вице премьер Азымты Иринæ уыд кусæг балцы Горæтгæрон районы

Категория:

Новости и СМИ