Заманхъулы кадджын уавæры байгом культурæйы галуан
Заманхъулы кадджын уавæры байгом культурæйы галуан. Ацы цаумæ хъæуы цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Ныр хъæуы аивадон къордтæ адæмы зæрдæтæ рухс кæндзысты ног сценæйыл. Фæнысан кæндзыстæм уый, æмæ культурæйы артдзæст ныр хæссы зындгонд ирон поэттæ Чеджемты Æхсæр æмæ Георгийы нæмттæ. Кадджын мадзалы уыд не 'сфæлдыстадон къорд дæр. Хъуыдаккаты Ангелинæ зæрдæргъæвд у ирон кæфтытæм. Уæдæ балалайкæ æмæ фæндырæй цæгъдыныл дæр арӕхсы. Чызг цæры Заманхъулы. Бирӕ рæстæг хъæуы нæ уыд культурæйы галуан. Уымæ гæсгæ ахуыртæ цыдысты скъолайы æмбырдты залы. Заманхъулы цæрджытæн культурæйы ног галуан у æцæг лæвар. Ацы цаумæ æнхъæлмæ кастысты 30 азы. Кадджын мадзалмæ сæхи бæстонæй бацæттæ кодтой. Бæрæгбоны бацархайдта республикæйы культурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Къубалты Эльбрус. Районты аивадон къордтæ бацæттæ кодтой алыхуызон равдыстытæ. Культурæйы галуан æрбынат кодта хъæуы астæу. Бæстыхайы цӕуы 300 адæймаджы. Сценæ у егъау. Фæсценæйы та — равдыстытæм цæттæгæнæн бынæттæ. Фыццаджыдæр, сæ архайд райдайдзысты кафджыты æмæ адæмон инструментты къордтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv