Цæгат Ирыстоны зæхкусджытæ архайынц конкурс «Лучшее подворье» йы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады райрæзтæн æппæт мадзæлттæ дæр арæзт цæуынц. Хицауады уæнгтæ нысан кæнынц сæрмагонд программæтæ. Ныридæгæн расидтысты конкурс «Лучшее подворье», зæгъгæ. Ис дзы 4 номинацийы. Ираны æмæ Къостайыхъæуы цæрджыты æнтыстдзинæдты тыххæй нæ дарддæры æрмæджы. Джитъри, пъамидор, цæхæра, сæнæфсиры цалдæр хуызы. Ираны хъæуы цæрæг - Кцойты Ладемыр йæ гыццылæй нырмæ уарзы зæххы куыст кæнын. Бирæ азты разамынд лæвæрдта Ираны культурæйы хæдзары архайджытæн. Пенсимæ куы рацыд, уæд ын фадат фæзынд, бирæ цы куыст уарзы, уый кæнын. Сарæзта хъæрмуат æмæ дзы ныссагъта дыргътæ æмæ халсартæ. Халид Расадзе дæр у Ираны хъæуæй. Цæхæрадоны йæхи хъаруты руаджы фæзынд егъау зæххы хай, æмæ дзы 6 хъæрмуаты мидæг зайын кæны пъæмидортæ æмæ джитъритæ. Уымæй уæлдай ма ныссадзы алыхуызон халсартæ æмæ зилы дыргъбæлæстæм. Фæззæджы райдианы нæ республикæйы расидтысты конкурс хуыздæр хи хæдзарад равзарынæн. Ис дзы 4 номинацийы: «хуыздæр цæхæрадон», «хуыздæр хи хæдзарад», «кæртыты аивгæнæн фæлгонц аразын» æмæ «сыгъзæрин къухтæ». Ираны хъæуы цæрджытæ дзы бацархайдтой æрмæст номинаци «хуыздæр хи цæхæрадон»-ы. Бынæттон администрацийы сæргълæууæг Плиты Вадим куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы хъуыддаг ахсджиаг у æппæт хъæуæн дæр.. Конкурсы бацархайдтой Къостайы хъæуы цæрджытæ дæр. Ам та сæхи хорз равдыстой «кæртытæ аивгæнæн фæлгонц аразыны» хъуыддаджы. Архайджыты ’хсæн ис Джиоты Анжелæ дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй, æрдз тынг кæй уарзы, уымæ гсæгæ йæ бафæндыд, цæмæй йæ рæсугъддзинæдтæ æдзух йæ разы уой. Джиоты хæдзары раз зайы бæрзытæ, назы бæлæстæ, æхсæлы, магнолия æмæ бирæ æндæр рæсугъд бæлæстæ, къутæрты алы хуызтæ æмæ дидинджытæ. Анжелæйы ныхæстæм гæсгæ, фыццаг бæлас сæ дуармæ ныссагътой 7 азы размæ. Алы хъæуы администраци дæр снысан кæндзысты сæрмагонд къамис. Уыдон æрзилдзысты архайджытыл, æркæсдзысты сын сæ куыстмæ æмæ сбæрæг кæндзысты уæлахиздзауты. Ацы конкурсæн йæ сæйрагдæр нысан у - адæмы æргом раздахын, сæ алфæмбылай цы кæртытæ ис, уыдонмæ. Цæмæй сæ сыгъдæг кæной æмæ сæ рæсугъд, райдзастæй дарой. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны зæхкусджытæ архайынц конкурс «Лучшее подворье» йы

Категория:

Новости и СМИ