Цæгат Ирыстоны дарддзæф хъæутæм социалон программæйы фæлгæты газ бауаддзысты
Цъæх артаг æрбахæццæ уыдзæн дæрддзæф хъæутæм. Уый тыххæй Цæгат Ирыстоны æххæстгонд цæуы паддзахадон программæ. Мæздæджы районы Люба Кондратенкойы номыл хъæуы цæрджытæ æнæ газæй тухæн кæнынц бирæ азты дæргъы. Сæ бæллиц у — газы пецæй архайын. Уæвгæ йæм ныр фыццаг къахдзæф дæр скодтой. Специалисттæ бавнæлдтой хæтæлтæ уадзынмæ. Æмæ кæд ныртæккæ коронавирусы аххосæй куыстытæ фæкъуылымпы сты, уæддæр тагъд рæстæджы адæмы хæдзæрттæ цъæх артагæй схъарм уыдзысты. Мæздæгæй 15 километры дарддæр апарахат Люба Кондратенкойы номыл посёлок. Цæрджытæ ныр дæр ма сæ хæдзæрттæ сугæй æндзарынц. Бирæсывæллонджын мад Галинæйы ныхæстæм гæсгæ, ахæм пецы фæстæ къултæ чъырæй цæгъдынӕй дæр пайда нæй, уæддæр та ныссау уыдзысты. Ис æм бæллиц, - йæ хæдзары йæ фæнды сæвæрын газы пец. Æнæ газæй - уæтты уазал, къултæ - уымæл. Хуыздæр уавæры не сты Галинæйы сыхæгтæ дæр. Сæ фылдæр сты пенсиисджытæ. Цæрæнбонты фæрæт сæ къухты дарынц. Афтӕмӕй ма уӕддӕр сугтæ балхæнынæн æмбырд кæнынц æхца. Бахъӕуы сын 50 мин соммæ хæстæг. Уый æрмæстдæр сугæн. Уымæй уæлдай-ма пайда кæнынц æвзалыйæ æмæ электрон гарзтæй. Уазæлтты та сæ уæлæ скæнынц хъарм уæлæдарæс. Хъæумæ газ æрбуадзынæн хъæуы хæтæл. Газы хæтæл хæццæ кæны æрмæстдæр Павлодольская станицæйы онг. Людмилæ Голеусова дæр ахæм уавæры ис. Ацы хъуыддаг цæмæй сырæза æмæ цæрджытæм газ фæзына, ууыл цæрджытимæ иумæ архайы. Хъæу у чысыл, фæлæ æдзæрæг нæу. Æмæ йæ цæрджытæн хъæуы аккаг уавæртæ саразын. Уæвгæ, сæ фыдæбон дзæгъæлы нæ разынд. Ивгъуыд азы кæрон президенты уынаффæмæ гæсгæ газ хæдзæрттæм уазыны куыстытæ адарддæр кодтой. Чи зоны, афæдзы кæронмæ ацы хъæуы хæринаг дурын пецы нал кæндзысты, фæлæ газы пецы. Уый ма баст у эпидемиологон уавæримæ дæр. Ам дæр та ковид æй куыст кæны. Уый аххосæй куыстытæ æрлæууыдысты. Фæлæ дзы бирæ кусинаг нал ис. Ацы хъæуы цæрджыты тагъд æрбайрох уыдзæн, газы хæтæл хъæумæ хæстæг уæвгæйæ æнæ газ уæвын куыд у, уый. Фæлæ республикæйы нырма ис, газ кæм нæй, ахӕм хæдзæрттæ. 2030-æм азмæ æрдзон газ фæзындзæн регионы дæрддзæф хъæуты дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv