Паддзахадон программæтæм гæсгæ, социалон объектты бындурон арæзтад хъуамæ афоныл æххæстгонд æрцæуа

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

Национ проекттæм æмæ паддзахадон программæтæм гæсгæ, социалон объектты бындурон арæзтад хъуамæ афоныл æххæстгонд æрцæуа. Хъуыддаг регионалон штабы æмбырды Битарты Вячеслав бабар кодта хицауады уæнгтæй дзуапп чи дæтты, уыдонæн. Ацы аз хъуамæ эксплуатацийы радтой социалон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм 46 объекты. Се`хсæн скъолатæ, сывæллæтты рæвдауæндæттæ, фелшырон-акушерон пукттæ æмæ спортивон фæзтæ. Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Тотыккаты Артур сæргълæууæгæн радзырдта, подрядон организациты къуылымпыдзинæдтæ кæм сбæрæг кодтой, уый. Йæ ныхæстæм гæсгæ æппæт фарстатæ аиуварс кæныныл кусынц. Фæлæ фиппайнæгтæ дæр ис. Сарæзтой, фæлæ æрдзон газ уагъд нæма æрцыд, Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны поликлиникæйы. Уыимæ ма, цыппар хъæуы та фелсырон-акушерон пункттæм. Битарты Вячеслав бабар кодта, цæмæй 10 боны æмгъуыдмæ ацы фарста иуварсгонд æрцæуа. Къуылымпыдзинæдтæ ййафынц бардæттæг гæххæттытæ афоныл рæвдз кæй не сты, уый фæдыл дæр. Зæгъæм, Мæздæджы районы администраци ныддæргъвæтин кодтой Предгорное хъæуы бирæвæрсыг спортивон фæз. Фæткæй фæфæстæдæр сты спортивон фæзты арæзтад Æрыдоны æмæ Црауы. Битарты Вячеслав бабар кодта, районты сæргълæуджытæн ахæм къуылымпыдзинæдтæй хизын. Дзуапдæттæг органтæн та сæ куыстæн хатдзæгтæ скæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Паддзахадон программæтæм гæсгæ, социалон объектты бындурон арæзтад хъуамæ афоныл æххæстгонд æрцæуа

Категория:

Новости и СМИ