Сывæллæттæ газæй кæй фæхъæстæ сты, уый фæдыл Мæздæджы районы прокуратурæ сарæзта басгæрст
Сывæллæттæ газæй кæй фæхъæстæ сты, уый фæдыл Мæздæджы районы прокуратурæ сарæзта басгæрст. Дзуапдæттæг ведомствойы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй басгæрсты рæстæг сбæрæг кæндзысты фыдбылызы аххосæгтæ. Уый фæстæ закъоны бындурыл нысангонд æрцæудзæн æфхæрды фæтк. Хатдзæгтæм гæсгæ куы бахъæуа, уæд прокуратурæмæ æврвыст æрцæудзæн хъуыддаг. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Павлодольскæйы станицæйы 31-аздзыд сылгоймаджы йæ фондз сывæллонимæ фæхæццæ кодтой Мæздæджы рынчындонмæ. Ныртæккæ сæ цардæн тæссаг ницæмæй у. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv