Æфсæддон сгарджытæ абон бæрæг кæнынц сæ профессионалон бон
Æфсæддон сгарджытæ абон бæрæг кæнынц сæ профессионалон бон. Снысан æй кодтой 31 майы, 2006-æм азы. Сæ куыст у ахсджиаг æмæ национ æдасдзинадмæ хæссы стыр æвæрæн. Кæддæриддæр цæттæ сты алыхуызон æвирхъау цаутæ аиуварс кæнынмæ. Йе 'фсæддон хæс æххæстгæнгæйæ чи фæмард, уыдоны нæмттæ ссарынмæ Намысы Аллейы æрбамбырд сты Афганистаны хæсты ветерантæ, арæнхъахъхъæнджыты ветерантæ, Фыдæбæстæ хъахъхъæнгæйæ чи фæмард, уыдоны бинонты комитеты уæнгтæ, æсхæнадон организациты минæвæрттæ æмæ æрыгон армионтæ. Дидинджытæ сæвæрдтой Советон Цæдисы хъæбатыр, æфсады инæлар, Василий Маргеловы цыртдзæвæныл. Василий Маргелов 20 азæй фылдæр уыд уæлдæфон десантон æфсады къамандыгæнæг. Нымад у элитон службæйы бындурæвæрæгыл. Адæм æрымысыдысты Уæрæсейы хъæбатыр, 58-æм æфсады сгарджыты разамонæг Александр Стыцинæйы ном. Уый уыди Цæцæны хæсты архайæг. Хæсты быдырæй нал сыздæхт. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æфсæддон сгарджытæ абон бæрæг кæнынц сæ профессионалон бон
Категория:
Новости и СМИ