Маршрутон такситы шофыртæ санитарон эпидемиологон домæнтæ куыд æххæст кæнынц, уый бæрæг кæнынц
Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы кусджытæ, паддзахадон автоинспекцийы минæвæрттæ, Уæрæсейы транспортмæ цæстдарды æмæ профилон министрады специалисттæ бæрæг кæнынц маршрутон такситы куыст. Ахæм рейдтæ аразынц ныр дыууæ мæйы дæргъы. Сæ куыстæн цавæр хатдзæгтæ скодтой, уый базыдта не сфæлдыстадон къорд. Райсомæй райдыдтой бæрнон адæм бæрæг кæнын, маршрутон такситы шофыртæ куыд æххæст кæнынц санитарон-эпидемиологон домæнтæ, уый. Кæд æмæ маскæтæ тæвд бон дарын зын вæййы, уæддæр быхсынц, зæгъынц шофыртæ. Рейды архайджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй кæд низ фæкъаддæр, уæддæр хи хъахъхъæнын хъæуы. Уый у сæйраг домæнтæй иу. Специалисттæ цы къуылымпыдзинæдтæ бафиппайынц, уыдон уайтагъд аиуварс кæнынц. Ныффыссынц протоколтæ, административон æгъдауæй шофырты бафхæрынц. Рейдтæ араздзысты дарддæр дæр. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, шофыртимæ æмæ бæлццæттимæ, фыццаджыдæр, хъæуы ныхас кæнын. Уый фæрцы домæнтæ æмбæрстгонд æрцæуынц, барадхæлдтытæ та фæкъаддæр вæййынц. Бæлццæттæ ласыны фæтк куыд æххæстгонд цæуы, уымæ сæ цæст дарддæр дардзысты, зæгъынц нæ республикæйы промышленность æмæ транспорты министрады кусджытæ. Бæстон кæсдзысты горæты маршрутон такситы куыстмæ. Пелиты Сабинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Маршрутон такситы шофыртæ санитарон эпидемиологон домæнтæ куыд æххæст кæнынц, уый бæрæг кæнынц
Категория:
Новости и СМИ