Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны кадæн Дзæуджыхъæуы райдыдтой сæрмагонд мадзæлттæ
Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны агъоммæ Дзæуджыхъæуы дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой Фыдыбæстæйы стыр хæсты хъæбатыртæн цыртдзæвæнты цур. Кадджын мадзæлтты Намысы мемориалы архайдта республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Иу минут æдзæмæй алæугæйæ мадзалы архайджытæ ссардтой фыдыбæстæйы сæраппонд йæ цард чи радта, уыцы æфсæддонты рухс нæмттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv