Дзæуджыхъæуы цалцæг кæнынц æхсæнадон бынæттæ
Цæгат Ирыстоны дарддæр æххæст кæнынц «Горæты æнцонват царды архайды» программæ. Бирæфатерон хæдзæртты кæртыты æвæрынц ног асфальт. Ивынц рухсдæттæн системæтæ. Горæты базилинаг фæлладуадзæн бынæттæ æвзæрстой цæрджытæ. Уымæн хъæуы пректы сайты схъæлæс кæнын. Зоя Космодемьянская номыл уынджы аллей 15 азы дæргъы цалцæггонд нæ уыд. Нæдæр дзы бандæттæ, нæдæр рухс уыди. Асфальт пырхытæ. Цæрджытæн сæ рæстæг æрвитынæн дзы уавæртæ нæ уыд. Хъуыддаг раивта дыууæ мæйы размæ. Æнцонвадат цардыуаджы федералон проектмæ гæсгæ бынатмæ базылдысты. Раивтой асфальт, сæвæрдтой ног къæйдуртæ. Рухсытæ ивынц, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæмтыл. Ирддæр рухс кæнынц, уыимæ хардз кæнынц къаддæр электрон энерги. Уый руаджы горæт фæстауæрц кæны электрон тых. Бӕхты цыртдзӕвӕны цур ма сног кодтой иу фæлладуадзæн бынат. Бæлæсты аууоны дзы сæрдыгон рæстæг арвитæн ис. Максим Горькийы номыл скверы куыстытæ ныр сæ тæмæны сты. Зæронд асфальты уæлцъар систой. Йæ бæсты сæвæрдзысты брусчаткæ. Сабитæн сараздзысты хъазынæн фæз. Херыгæнæнтæ æмæ турниктимæ. Уыимæ ма фæзындзæн ног бандæттæ, бырондæттæ æмæ рухсытæ. Сæ рæстæг дзы цæрджыты бон арвитын уыдзæн сентябры. Æнцонвадат цардыуаджы проектмæ гæсгæ 2017 азæй Дзæуджыхъæуы сцалцæг кодтой 20 фæлладуадзæн бынаты. Иннæ азмæ снысан кодтой 50. Проектмæ дзы бахаудзыты 18. Кæцытæ, уый та равзардзысты горæты цæрджытæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы цалцæг кæнынц æхсæнадон бынæттæ
Категория:
Новости и СМИ