Джыккайты Шамилы номыл уынджы, 6-æм бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытæн сæ бон нæу сæ фатерты æрцæрын
Джыккайты Шамилы номыл уынджы, 6-æм хæдзары цæрджытæ ног фатерты амондджын хицæуттæ баисты, фæлæ иу бон дæр сæ ног цæрæн бынæтты нæ арвыстой, кæд æмæ арæзтадон куыстытæ ивгъуыд аз декабры фесты, уæддæр. Нæ горæты администраци цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ хæдзары дуæрттæ гом кæнынмæ нæ тагъд кæны. Цæуылнæ, уый та базондзыстут нæ дарддæры æрмæджы. Нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм цæрæн хæдзæртты комплекс Джыккайты Шамилы номыл уынджы 6-æм хæдзары 1 корпус. Ацы фондзуæладзыгон хæдзары арæзтадон куыстытæ фесты фарон декабры. Бирæуæладзгон хæдзары ис 96 фатеры, сæ фылдæр хайӕн ис амондджын хицæуттæ дæр. Фæлæ сыл, хъыгагæн, сæ фатерты иубон дæр нырма не сбон ис. Марзаты Марик фарон ацы фатертæй иу райста ипотекæйы, фæлæ дзы æрцæрын нырма йæ бон нæу, уымӕн æмæ арæзтадон куыстытæ афойнадыл конд не 'рцыдысты. Ныридæгæн уал Марик æрвылмæй фиды ипотекæйы фиддон, цæргæ та кæны йæ ныййарджытимæ. Ахæм уавæры æрмæст ацы лæппу нæй. Бирæты бахъуыд фатер хаццоны райсын æмæ, ис хӕдзарӕй къуындæджыты цæрын. Æртæ мæйæ фылдæр нæ горæты администраци ацы бирæуæладзыгон хæдзары æрцæрыны бар нæ дæтты. Ведомствæйы пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй хæдзары арæзтадæн дзуапп чи дæтты, уый аххосæй райдианæй хæлд æрцыд хæдзары арæзтадон проект. Хæдзары алыварс зæххы хæйттæ ныддихтæ кодтой иумæйаг пайдагæнæн зæххыты фæзуæттæ фæкъаддæр кодтой, фæкъанæг сты къахвæндæгтæ. Хæдтулгæтæ æвæрæн бынаты скодтой навес. Хæдзары арæзтадæн дзуапдæттæг куыд зæгъы, афтæмæй проектмæ ивддзинæдтæ нæ бахаста. Райдианы цы арæзтадон проект фидаргонд æрцыд, уымæ гæсгæ цыдысты куыстытæ. Афтæмæй, быру дæр, алыварс цы зæххы хай ис, хæдзары цал уæладзыджы ис, уыдон æппæт дæр арæзтой проектмæ гæсгæ. Нæ горæты администраци арæзтадæн дзуапдӕттӕгӕй домы уагхæлдтытæ аиуварс кæнын. Судмæ дæр ма йæ ратта. Фæлæ тæрхондоны сæ хъастмæ йæ хъус не 'рдардтой. Аххосджыныл æй нæ банымадтой. Цалынмæ уал тæрхондоны ацы хъуыддаг æвзарынц, уæдмæ хæдзары фидӕны цæрджытæ хаццоны ист къуындӕг фатерты цӕрдзысты. Æвæццæгæн сын сæ тыхст уавæр сæ ныфсыл тых æфтауы. Ныр та сфæнд кодтой нæ бæстæйы презиндент Владимир Путин æмæ Уæрæсейы президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайкæмæ ныффыссын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Джыккайты Шамилы номыл уынджы, 6-æм бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытæн сæ бон нæу сæ фатерты æрцæрын
Категория:
Новости и СМИ