1-æм февралæй мадæлты капитал фæфылдæр уыдзæн 8,4%
1-æм февралæй фæстæмæ мадæлты капиталыл бафтдзæн 8,4%. Уый тыххæй хъусын кæнынц фæллой æмæ социалон рæзты министрадӕй. Афтæмæй фиддонты бæрцы фыццаг сывæллонæн уыдзæн 524 мин сомы, дыккаг сывæллонæн та паддзахад рахай кæндзæн 693 мин сомы. Уымæй уæлдай хицауад бацæттæ кодта бадзырд. Уымæ гæсгæ индексацигонд хъуамæ æрцæуой, цæрынæн æппынкъаддæры бæрцимæ баст чи нæу, уыцы пособитæ дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv