Цæгат Ирыстоны профессионалон æмвæзадыл картинг чи ахуыр кӕны, уыцы адӕм фылдӕрӕй фылдӕр кӕнынц
Цæгат Ирыстоны профессионалон æмвæзадыл картинг чи ахуыр кӕны, уыцы адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц. Хæдтулгæ скъæрджытæ архайынц иннæ регионты ерысты, æмæ сæ къухы æнтыстдзинæдтæ дæр бафты. Беслæны ис картодром. Ахуыр дзы кæнынц экстремалон спорты сусæгдзинæдтыл. Цæмæй дзы хорз фадæттæ уа, уый тыххæй сын æххуыс кæнынц бæрнон кусджытæ. Сывæллæттæ сæ арæхстдзинад хъуамæ равдисой ацы трассæйыл. Æппæты ахсджиагдæр у лæмбынæг кӕсын, цӕмӕй цæхгæр базилæны цæлхдурыл ма сæмбæлой. Картадром Беслæны фæндзæм скъолайы рагæй кусы. Ацы аз та дзы фæзынд æхсæз ног карты. Уый руаджы фадат ис экстремалон спортæй фылдæр сабитæн архайын. Ныртæккæ ахуыртæм цæуы 50 адæймаджы. Гуыбиаты Эдуард, Беслæны 5-æм скъолайы ахуырдзау: «Фыццаг уал ардæм мæ фыд æмæ мæ фыды 'фсымæр райдыдтой цæуын. Æнтыстджынæй архайдтой ерысты. Мæнмæ дæр цымыдисаг фæкаст. Ныр афæдзы дæргъы ахуыр кæнын ам. Мæ зæрдæмæ цæуы. Нæ командæимæ уыдыстæм Кæсæг-Балхъары ерысты. Æз бацахстон æртыккаг бынат. Ныр мæ дарддӕры хӕс у - уæлахиздзау суын.» Фыццаг бынат бацахсынæн хъæуы тынг бацархайын. Ерысты æнтыстытæ къухы бафтдзысты æппынæдзух тренеровкæты руаджы. Уымæ гæсгæ сабиты ахуыр кæнынц куыд практикæ, афтæ теорийыл дæр. Картыл рабадыны размæ сывæллæттæ архайынц сæрмагонд тренажертыл. Скъæрынц хæдтулгæйыл виртуалон хуызы. Мониторыл уынынц фæндаг. Хъуамæ йыл цæуой фæдаггон змæлды фæтк æххæстгæнгæйæ. Ахуыртæ цӕуынц къуыри 5 хатты 3 сахаты дæргъы. Рæстæг куыд аивгъуыйы, уый арæх сабитæ æмбаргæ дæр нæ бакæнынц. Хæдтулгæ сцалцæг кæнын у ахуыры ахсджиагдӕр къæпхæнтæй иу. Скъæрæг æй хъуамæ фидарæй зона, йæ карт æнæ къуылымпытæй кæй кусдзæн, уый. Уымæ гæсгæ, сабиты ахуыр кæны, спортивон хæдтулгæты тыххæй алцыдæр чи зоны, ахӕм адӕймаг. Гуытъиаты Сослан у уыцы специалист. Аразы æмæ проекттæ кæны спортивон хæдтулгæтæн. Гуытъиаты Сослан, ахуыргæнæг: «Формула 1 пилоттæ дæр ма картингтыл тренеровкæ фæкæнынц, цæмæй техникæ хуыздæр æмбарой. Сывæллæттæн фыццаджыдæр æвдисæм куыд кусы æмæ цæмæн хъæуы картинг, уый. Дарддæры фæндагыл сын уый стыр пайда æрхæссы. Адæймаг æй зоны, хæдтулгæ йæхи куыд дардзæн æвзæр, хуылыдз кæнæ бырынцъаг фæндагыл. Картингы руаджы сæ сабибонтæй базонынц уыцы хъуыддæгтæ.» Картингæй архайын кæй фæнды, уыдоны нымæц кæны фылдæр. Æмбæлгæ уавæртæ сын саразынæн æххуыс кæны республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрад. Федералон проект «Успех каждого ребёнка»-йы руаджы уæлæмхасæн ахуырады системæ ифтонг кæнынц карттæй, тренажертæ æмæ сæрмагонд уæлæдарæсæй. Хъараты Маринæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны профессионалон æмвæзадыл картинг чи ахуыр кӕны, уыцы адӕм фылдӕрӕй фылдӕр кӕнынц
Категория:
Новости и СМИ