Захъайаг зæйты ныхмæ галерей Транскамы фидар кæнынц сæрмагонд къултæй
Захъайаг зæйты ныхмæ галерей Транскамы фидар кæнынц сæрмагонд къултæй. Куыстытæ цæуынц, митуарды фæстæ зæйтæ рацæуынæй тæссаг кæм у, уыцы бынæтты. Хуссар Ирыстонмæ ввахс фæндаджы уадздзаджы сарæзтой, 350 свайæйы кæм ис, ахæм фидар къул. Згъæрæй конд конструкцийы дæргъ у 270 метры. Уымæй уæлдай дзы спайда кодтой бæзджын полиэтилен гидроизоляцийæ. Нырма уал шофыртæ цæуынц галлерейы уылты, фæлæ иннæ аз сæ фæндаг цæудзæн иувæрсты. Зӕгъæн ис, æмæ нысангонд куыстытæ ацы аз æххæстгонд æрцыдысты. Бындурон цалцæг дарддæр кæндзысты 2021-æм азы апрелы. Ног фæндагӕн йӕ бетоны фæтæн уыдзæн 20 см. Уæззау бетоны технологийæ пайда фæкæнынц тъунелты арæзтады. Сæвæрдзысты дзы ног вентиляцион æмæ видеоцæстдарды системæтæ, рухс, сигнализаци æмæ зынгхуыссынгæнæн системæтæ. Диспетчерон пунктмæ æвæстиатæй бадзурæн уыдзæн сæрмагонд телефонæй. Захъайаг зæйты ныхмæ галерей Транскамы бындуронæй сцалцæг кæндзысты 2022-æм азы кæронмæ. Паддзахадон бардзырдмæ гæсгæ йæ дæргъ уыдзæн 800 метрæй фылдæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Захъайаг зæйты ныхмæ галерей Транскамы фидар кæнынц сæрмагонд къултæй
Категория:
Новости и СМИ