Хуссар Ирыстоны коронавирусæй рынчынтыл бафтыд 137 адæймаджы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

Хуссар Ирыстоны коронавирусæй рынчынтыл бафтыд 137 адæймаджы. Афтæмæй баисты 1 минæй фылдæр. Уæрæсеимæ арæнтæ куыд байгом кодтой, уæдæй нырмæ хæцгæниз рабæрæг 964-мæ. Республикæйы сæйраг санитарон дохтыр Кочиты Маринæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй иугъуыд суткæмæ коронавирусæй ирæстытæн сæ фæлдæры*рдæг равдыста вирусы бæрæггæнæнтæ. Дохтыртæ зæгъынц, уæззау уавæр сæвзæрд. Рынчынтæн бынæттæ нæ фаг кæнынц, афтæмæй дохтыртæ дæр. Дзæбæхгæнæндæтты ис 200 рынчынæй фылдæр. Бирæвæрсыг медицинон центры ис 66 адæймаджы. COVID-19-æй рынчынтæн раивтой сывæллæтты рынчындон. Уым та ныртæккæ 130 адæймаджы ис. Хицауад архайы коронавирусæй рынчынтæн бынæттæ фæфылдæр кæныныл. 31 адæймаджы ныртæккæ сты Уæрæсейы æфсæддонтæ Хуссар Ирыстоны цы госпиталь байгом кодтой, уым. Æфсæддон специалисттæ бавнæлдтой уынгтæ æмæ социалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объекттæ дезинфекци кæнынмæ. Æдыппæтæй ныссыгъдæг кодтой 128 мин квадратон метры - бæстыхæйттæ, агъуыстытæ, уынгтæ æмæ фæндæгтæ. Дезинфекци кæнынц Хуссар æфсæддон зылды 15 службæгæнæджы. Пайда кæнынц сæрмагонд техникæйæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хуссар Ирыстоны коронавирусæй рынчынтыл бафтыд 137 адæймаджы

Категория:

Новости и СМИ