Туристон рекреацион комплекс «Мамысон» ы райрæзтыл æрныхас кодтой Уæрæсейы хицауады хæдзары

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

Туристон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы райрæзтыл æрныхас кодтой Уæрæсейы хицауады хæдзары. Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд нæ бæстæйы экономикон райрæзты министры хæдивæг Сергей Назаровимæ. Битарты Вячеслав фæнысан кодта проекты ахадындзинад, Цæгат Кавказы йын стыр хъомыс кæй уыдзæн, уый. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2020 азы нæ бæстæйы экономикон райрæзты министрады минæвæрттæ ссыдысты Цæгат Ирыстонмæ кусгæ балцы. Уæд куыд фæнысан кодтой, афтæмæй 2023 азы онг курорт «Мамысон» саразыны тыххæй федералон бюджетмæ бахастой 6 æмæ æрдæг миллиард сомы. Ныхас ма кодтой Беслæны генералон пъланы æххæстгæнæн мадзæлттыл. Пъланмæ гæсгæ фæзындзысты æмæ рацараздзысты ахсджиаг социалон объекттæ. Уыимæ ма, Беслæны теракты хъыгдæрд чи баййæфта, уыдонæн сараздзысты фадæттæ се нæниздзинад фæхуыздæр кæнынæн. Фембæлды архайджытæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй республикæйы экономикон фарстатæ райхалыны тыххæй хъæуы æмгуыст кæнын. Битарты Вячеслав раарфæ кодта бæстæйы Хицауад æмæ Экономикон райрæзты министрадæн, алкæддæр проектты фарс кæй рахæцынц æмæ республикæйы фарсмæ кæй балæууынц, уый тыххӕй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Туристон рекреацион комплекс «Мамысон» ы райрæзтыл æрныхас кодтой Уæрæсейы хицауады хæдзары

Категория:

Новости и СМИ