Абон зындгонд поэт Дзаболаты Хазбийы райгуырдыл æххæст кæны 90 азы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

23 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

23 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

23 просмотра

5 лет назад

Зындгонд поэт Дзаболаты Хазбийы райгуырдыл æххæст кæны 90 азы. Ирон литературæйы зынгæ бынат ахсы йæ бирæвæрсыг сфæлдыстад. Фидæны стыр поэт райгуырд 1931 азы, 16 апрелы Ногхъæуы. Йæ цард снывонд кодта поэзийæн. Йæ бирæ поэтикон уацмыстæ уæрæх фæндаг ссардтой мингай поэзиуарзджыты зæрдæтæм. Поэты ном æхсызгонæй æрымысынц йæ райгуырæн хъæуы дæр. Хæдæфсарм æмæ рæстуд. Афтæ, зæгъгæн ис Дзаболаты Хазбийæ. Кæддæриддæр ын сæйрагдæр уыд рæстдзинад. Уыимæ ма тырнытта рухс фидæнмæ. Йæ поэтикон авналæнтæ Дзаболы фыртæн уæрæх сты: йе 'сфæлдыстады ис куыд æнкъард мотивтæ, афтæ худæнбыл зарджытæ æмæ карз сатирикон æмдзæвгæтæ дæр. Дзаболаты Хазби райгуырд 1931-æм азы Ногхъæуы. Каст фæци астæуккаг скъола. Дзырды фидыц æрыгонæй байдыдта æнкъарын, йæ фыццаг æмдзæвгæтæ ныффыста фынддæс азы йыл куы цыди, уæд. Хазбийæн райгуырæн хъæубæсты арæх саразынц мысæн изæртæ. Йæ райгуырды 90 азы бон дæр ын сбæрæг кодтой кадджын уавæры. Дзаболаты Хазбийы мысæн изæрмæ æрбацыдысты йе 'мхъæуккæгтæ, Дзаболаты мыггаджы минæвæрттæ æмæ фысджыты цæдисы уæнгтæ. Æхсызгонæй куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй скъоладзаутæм хъусгæйæ бæрæг у, сабибонтæй фæстæмæ сын кæй бауарзын кодтой се 'мзæххоны сфæлдыстад, уый. Скъоладзаутæ сæхæдæг куыд загътой, афтæмæй сæрыстыр сты сæ хъæуы ном сын чи скадджын кодта, уыцы поэтæй. Ирон литературæйæн стыр хæрзты чи бацыд, уыдонæй иу Дзаболаты Хазби. Кæд йæ цардвæндаг дæргъвæтин нæ уыд, уæддæр æнæмæлгæ у йе 'сфæлдыстад. Йæ ном хæссы хъæуы культурæйы хæдзар. Дзаболаты Хазбийы номыл Ногхъæуы ис мемориалон фæйнæг дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Абон зындгонд поэт Дзаболаты Хазбийы райгуырдыл æххæст кæны 90 азы

Категория:

Новости и СМИ