Ирон æвзаг бахъахъхъæныны фæдыл къамисæн уыд æмбырд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

6 лет назад

Ирон æвзаг бахъахъхъæныны фæдыл къамисæн уыд радон æмбырд. Разамынд ын лæвæрдта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Æмбырды архайдтой Хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ, Конституцион тæрхондоны сæрдар Къесаты Станислав, Иры Стыр Ныхасы разамонæг Кучиты Руслан æмæ æхсæнадон оганизациты минæвæрттæ. Иумæ æркастысты ирон æвзаджы райрæзты ахсджиаг фарстатæм. Битарты Вячеслав куыд фæнысан кодта, афтæмæй мадæлон æвзагыл дзурынмæ разæнгард кæнын хъæуы сабибонтæй фæстæмæ. Уый тыххæй ахсджиаг у рæзгæ фæлтæры хъомыладыл бакусын. Архайынц 2021-2025-æм азты ирон адæмы национ-культурон райрæзты программæйыл дæр. Ныртæккæ æвзаг цы уавæры ис, уый тыххæй радзырдта Национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министры хæдивæг Бæгъиаты Алан. Уæлдай æргом аздахдзысты, наукон æмæ сфæлдыстадон куыст чи кæны, уыдонæн баххуыс кæнынмæ. Егъау æмгуыст кæндзысты æхсæнадон организацитимæ дæр. Хъуыддæгтæ æххæст кæндзысты республикæйы бюджеты хардзæй. Æмбырды архайджытæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй проектмæ хъæуы цæстæнгас иучысыл аивын. Уый хынцгæйæ, Битарты Вячеслав бахæс кодта проект фæногдæр кæнын. Хæстæгдæр рæстæг æй хъуамæ сфидар кæной. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Ирон æвзаг бахъахъхъæныны фæдыл къамисæн уыд æмбырд

Категория:

Новости и СМИ