Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны туаггуыры системæ скуыста
Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны туаггуыры системæ рацарæзты фæстæ ногæй скуыста. Сæвæрдтой дзы, 11 тоннæйæ фылдæр кæм цæуы, дыууæ ахæм тæнгъуаты. Системæ дзагдыхæй куы куса, уæд ын уый фондз суткæйы фаг кæндзæн. Бакуыстой сæйраг æмæ уæлæмхасæн магистралыл. Афтæмæй, куысты къуылымпыдзинæдтæ куы сæвзæра, уæд системæ автоматикон æгъдауæй йæ архайд фæивдзæн. Бындуронæй сцалцæг кодтой хызæгтæ. Дыууæ уæлæмхасæны ма бауагътой операцион блок æмæ дзæбæхгæнæн уаттæм. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv